Цвет сайта
Изображения
Для слабовидящих

ДОПОЛНИТЕЛЬНЫЙ МАТЕРИАЛ

СТИХИ

Уалдзӕг

Атадысты миттæ,

Бахъæлдзæг ис бон.

Ихæй арæзт хидтæ

Фестадысты дон.

Дон, дон, дон,

Дон, дон, дон.

Зæххы та цы хъæуы?

Дон, дон, дон.

Хуссæртты фæзынди

 Цъæх-цъæхид кæрдæг.

 М’ алыварс æрзылди

 Гæлæбу цæрдæг.

                         (Цæрукъаты А.)   

 

Уалдзæг

Даргъ зымæг ивгæйæ,

Хъазгæ, æрттивгæйæ,

Рæлæууыд бон.

Хур нæм йæ рухс тынтæ

Царды рæсугъд уындмæ

Калы бæстон.                                       Гулуты Андрей              

 

 «Тæрхъус».

Тæрхъусæн ис хъил хъустæ,

Тæрхъус хъусы йæ хъустæй.

Тæрхъус хуыссы дæлгоммæ,

Тæрхъус хуыссы уæлгоммæ.                                     Дауырæ


Авдӕны зарӕг

Къух дæ аузын фæразы …

Мæй дæ авдæнимæ хъазы,

Стыр лæг мын æсуай,

А-ло-лай.                                               

( Хетæгкаты Къоста)

 

Джыджына  (ландыш).

: «Джы-джы-джы джыджына

– Урс рæсугъд дидинæг,

 Урс рæсугъд дидинæг,

Уалдзæджы фидиуæг».                             Астемыраты Изет

 

«Цъиу».

Цъиу, мæ гыццыл  цъиу, мæ хæлар,

 Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар.

 Ног нæ дыргъ бæлæстæй ракæс,

 Демæ зарджытæ æрбахæсс!                                      Цæгæраты Гиго

 

Дидинæг

Дидинæджы ’рфæнды

Хуры ’рдæм кæсын.

Арвæй йæм нывæнды

Хъазгæ хур йæ тын.

Фаг æфсады цардæй

Дидинæджы хур.

Балæууыд æм дардæй

Мыдыбындз мыдгур.                                                        Æрнигон Илас

 

Нæуæгбонты зарæг

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Фæцæуынц уæм дæрдбæлццонтæ…

Æддæмæ-ма сæм ракæсут! Уæ мæсыгмæ сæ бакæнут!

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ.

Уæ алы аз дæр хорзæй уынат! Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!            (  Хетæгкаты Къоста)

                       

      Дымгæ

Дымгæ бæласыл нæ зайы,

Дымгæ не ’мбæхсы нæ цъайы.

Бæрзонд хæхты митæй хъазы,

Фæзы бæхы дзыкку фасы.                                        Джимиты Кларæ

Мæ мад

Уарзæм, уарзæм дæу, нæ мад,

Хъазуат куыcтæй дæ фæллад.

Ды уæддæр рæстæг ыссарыс

Æмæ мах фæлмæн рæвдауыс.

Русыл ку ’авæрыс дæ арм

– Уæнгты ахъары йæ хъарм!

Худгæ дæ куы фенæм дардæй,

Уæд цы буц вæййæм нæ цардæй.                                 

                     Габысаты-Гусаты Замирæ     

 

Мамæйы ныхас

Хурау рухсзæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад.

Сты йæ хъарм къухтæ  фæлмæн,

Алы бон рæвдауы мæн.

Тынг дæ уарзын, тынг, уый зон,

Райдайын дæуæй мæ бон.

Райдайын дæуæй мæ фæндаг.

Дæн дæ лæггæдтæй лæггаг.                Гæджынон-Хабæты Риммæ

                       

     Нанаимæ ныхас

Фыдуаг мæ ма хон,

Æз хорз лæггаг дæн.

Куынæуал зарон,

Куынæуал кафон,

Æз хорз лæггаг дæн.

Бæрзонд къардиуæй

Æз доны малмæ

Куынæ атæхон,

Стъолы фарсмæ

Æнцад куы сбадон,

Уæд-иу æй базон,

Кæй ницы лæг дæн.

Фыдуаг мæ ма хон,

Нæ дугъон бæхыл

Къуыбыртæ-фæзтыл

Куынæ æрзилон

Уæд-иу æй базон,

Кæй ницы лæг дæн.            Джимиты Кларæ

 

Нана

Уарзын æз нанайы,

Стыр бузныг дзы дæн,

Уымæн æма алы бон

Барæвдауы мæн.     

          Цæгæраты Гиго

 

 

Зæрватыкк

Сау зæрватыкк, зæгъ æргом,

Ды куыд ыссарыс нæ ком?

Чи дæ сахуыр кодта зарын?

Рухс цъæх арвыл афтæ хъазын?                                                 Габысаты Замирæт

 

Уалдзыгон изæр

Бæркадджын уалдзæджы

Нæ хæдзар – уазæгджын.

Сæ иу цыхтджын хордта,

Иннæ та, цæхæраджын,

Дада фыдджын домдта,

Æз та – тæвд картофджын.

Стæй æхсæвы талынджы

Дада дзырдта кадджытæ,

Иумæ кодтам зарджытæ.                        Джимиты Кларæ 

 

 

Зымӕг

Дысон-бонмæ мит фæуарыд,

Зæхх нымбæрзта урс хъæццулæй;

Дымгæ фæзты, кæмтты зарыд,

Сгæрста алы къуым хæддзулйæ.

 

Сты нæ дзоныгътæ цæттæ.

Мах та хъаздзыстæм æддæ,

– Тагъддæр урс нымæт ныккæн,

Сæвæр быдырты хъæпæн...                                        

 

Атадысты миттæ,

Бахъæлдзæг и бон.

Ихæй арæзт хидтæ

Фестадысты дон.                           Цæрукъаты Валодя

 

 

Дзæуджыхъæу

Нæ уарзон Дзæуджыхъæу, дæуæй

Зæххыл рæсугъддæр горæт нæй.

Дæ Теркæй зарагдæр нæй дон.

Фæрнæй уæд дзаг дæ алы бон.                                           Дзасохты Музафер

                                       

Дзывылдар

Æнгуырдар – дзывылдар,

Кæм хæтыс зымæг?

Цы бæстæ, цы хæхтæ

Фæтæхыс уынæг?

Кæм рæзынц, кæм цæрынц

Дæ хотæ, дæ мад?

Тæхуды, тæхуды,

Кæмæн ис дæ цард

                                       Хетæгкаты Къоста.

Мæн цы фæнды

Де уæхскыл мæ сæвæр, дада, ды,

– Мæн нæ сыхмæ акæсын фæнды.

Сæргъæв мæ бæрзонд бæласмæ ды,

– Мæн нæ хъæумæ акæсын фæнды.

Сæргъæв мæ Санайы хохмæ ды,

– Мæн Мæскуымæ акæсын фæнды.

Стæхын мæ кæн ракетæйыл ды,

– Дун-дунетæ фенын мæн фæнды.                              Цæрукъаты Валодя

 

Чысыл къона

Хъуамæ дæу, мæ чысыл къона,

Сомбон Ир йæ хъæбул хона.

Тынг хорз саби дæ ныр дæр,

Кафгæ, хъазгæйæ нын цæр!

       Даура.

 

ДОН-ДОН

Дон, дон, дон! Ныхс мын мæ рустæ!

Дон, дон, дон! Ныхс мын мæ хъустæ.

Дон, дон, дон!  Ныхс мын мæ фындз!

Кæннод мæ фæтæрсдзæн бындз!                                     Джимиты К

 

Зымӕг

Урс-урсид адарынц фæзтæ,

– Сурс вæййынц хъæды бæлæстæ.

Басийынц уадултæ, фындз,

Уазалæй сырдтæ тыхсынц.                                          Дауырæ

 

 

Уалдзæг

Хохы цъæх айнæгæй

Хуры цæст ракæсы,

Ракæсы райсомæй раджы.

Хъазгæ, рæвдаугæйæ,

Царды хос хъарм тынтæ

Айтауы хъæдгæрон, таджы.        Баситы М.   

 

Базон-базон

Миттæ тайынц,

Дæттæ уайынц.

Хуры тынтæ тавынц зæхх.

 

Дидинæг

Дидинджытæ куыд сырх сты,

Куыд цъæх æмæ куыд буртæ!

Талынг хъуырæй ысхызтысты

Рухсы чысыл хъæбултæ…

                                               Æлборты Хадзумар

 

ИГРЫ, ФИЗМИНУТКИ

Змæлгæ хъазт    «Чызджытæ ‘мæ лæппутæ».

Сабитæ хъомылгæнæгимæ ныхæстæ дзурынц:

Чызджытæ ‘мæ лæппутæ,

Иумæ кæнынц гæппытæ.

Чызджытæ – сæпп-сæпп,

Сæпп-сæпп!

Лæппутæ – гæпп-гæпп,

Гæпп-гæпп! (Ныхæстæм гæсгæ архайд æвдисынц.)


Змæлгæ хъазт «Къæвдайы æртæхтæ».

(Хъазты ныхæстæ дзуры хъомылгæнæг.)

Иу æртах, дыууæ, æртæ,

Сабыргай, сындæггай.

Уары, уарыкъæп-къæп-къæп

Уары дон æртахгай.

Фемæхст уарын: сæх-сæх-сæх,

Саби, рæвдз дæхи æмбæхс.                                Чеджемты Г.

(Хъомылгæнæджы амындмæ гæсгæ сабитæ фæлварынц архайдæй равдисын уарын æмæ зонтиктæ.) «Иу æртах, дыууæ, æртæ…» (Сабитæ, цыма æртæхтæ сты, афтæ сабыргай, хъомылгæнæг куыд амоны, афтæ йæ фæстæ цæуынц, гæпп-гæпп кæнынц. Уарын куыд тынгдæр æмæ карздæр кæны, афтæ хъомылгæнæг æмæ сабитæ дæр цырддæр гæппытæ кæнынц.) «Фемæхст уарын: сæхсæх-сæх, Саби, рæвдз дæхи æмбæхс». (Уæд та къухтæ сæ сæртыл авæрынц, цыма зонтиччы бын æмбæхсынц, афтæ. )


Хӕазт  «Гино ӕмӕ мыст»

Воспитатель рассказывает, что кошка забралась в шкаф и спит там,(кошка «спит» в кругу) а мышка бежит за кругом.  Дети держась за руки идут хороводом и проговаривают :  

Ацы бæсты, ацы бæсты

Мыст фæцæйуад скъаппы рæзты

Мыст йæ дзыхы хаста цыхт,

«Ма кæ» зæгъæг ын нæ уыд.

Уымæн æмæ, мæнæ кино,

Скъаппы бафынæй и Гино.      (Астемыраты Изет)

       Гино просыпается и бегает за мышкой: «Лидзгæ ардыгæй, кæннод дæ ахсын». (повторить 2-3 раза меняя водящих)


Змæлгæ хъазт  «Рувас»

 Рувас фынæй кæны. (Воспитатель показывает, как  должна спать лиса.)

Сабитæ,  рацæут-ма ардæм. Цомут мемæ.( Воспитатель и дети идут тихим шагом по направлению спящей лисы и воспитатель рассказывает стишок при желании дети повторяют)

Рувас, бурварс – сайæгой. 

Сырдты хиндæр, – давæгой. 

Рувас, рувас, фæцæуæм дæм.

На слово «рувас» все останавливаются, хлопают в ладоши и убегают на свои места. Лиса ловит детей.

 

Змæлгæ хъазт  «Рувас æмæ тæрхъустæ»

Хъ.: «Рацу, Алан, мæ цурмæ. Ды уыдзынæ рувас. Скæн рувасы худ. Сбад мæнæ ам.( Ребенок в шапочке лисы сидит на стуле, «зайчики» бегают  вокруг стула и спрашиваютJ

Хъ.:  Рувас, цы кусыс?  –  Р. Бадын.

Рувас, о рувас, тæрхъусты хæрыс? –  Р. Нæ, нæ хæрын.

Цæй-ма ахъазæм, тæрхъустæ. (Дети прыгают вокруг  лисы)

Рувас, о рувас, тæрхъусты хæрыс? Р. О, хæрын. – (. Зайчики  разбегаются, лиса их ловит).  

 

Змæлгæ хъазт «Гæлæбу».

Хъазты мидис: сабитæ зылды слæууынц. Хъомылгæнæг – зылды астæу, къæцæлыл æндахæй гæлæбу бабаста, æмæ йæ сабиты сæрты зилы, æмдзæвгæйы ныхæстæ дзургæйæ: «М’ алыварс æрзылди гæлæбу цæрдæг; Гæлæбу, гæлæбу, гæлæбу цæрдæг». Сабитӕ ахсынц гӕлӕбуый

 

Змӕлгӕ хъаст.       Хъазтæ!

Хъ.. Хъазтæ, хъазтæ!

С.. Хъа-хъа-хъа!

Хъ. Сыстонг ыстут?

С. О-о-о!

Хъ. Ратæхут мæм!

С. Нæй гæнæн.

Хъ. Уæд цæуыннæ?

С. Бирæгъ хъæдрæбыны бады,     Мах дæумæ нæ уадзы!

Хъ.. Куыд уæ фæнды – ратæхут,   Уæ базыртæ хъахъхъæнут!  

 

Змӕлгӕ хъазт  «Мæ цъиутæ».

Хъ. Сымах стут мæ цъиутæ! Æз дæн уæ мад. Æз уæ фæрсдзынæн.

Мæ гыццыл цъиутæ! Цæмæн уæ хъæуынц уæ базыртæ? Тæхынæн?

С. Тæхынæн, тæхынæн! («Летают» по комнате.)

Хъ. Мæ гыццыл цъиутæ! Цæмæн уæ хъæуынц уæ хъустæ та? Хъусынæн?

С. Хъусынæн, хъусынæн. (Показывают на уши.)

Хъ. Мæ цъиутæ! Цæмæн уæ хъæуынц уæ къæхтæ та? Згъорынæн?

С. Згъорынæн, згъорынæн. (Бегают).

Хъ. Уæдæ лидзут! Æз уæ искæйы æрцахсдзынæн! (Воспитательница догоняет кого-нибудь.) Игру повторить еще раз.

                                                                       

 

Физминутка

Игра «Хæдзар».

Хъ. Уæ хорзæхæй, сабитӕ, слæуут..

Мах цæуæм, цæуæм, цæуæм. (Дети ходят.)

Хæдзары цæрæм, цæрæм. (Изображает руками крышу.)

Хъæлдзæгæй гæпп, гæпп кæнæм. (Прыгают.)    

 

Пальчиковая гимнастика.

– Цæй-ма, сабитæ, не ’нгуылдзтæй саразæм бандон. (Ладонь правой руки поднимаем вверх.               Эта спинка стула.)

Мæнæ мын бандон. Цæй æмæ сбадон.  

(К ней приставляем кулачок левой руки. Это сиденье.Вот и получился стул).    Астемыраты Изета

 

Пальчиковая гимнастика.

Ацы æнгуылдз у мæ дада. – Встречаются большие пальцы.

Ацы æнгуылдз у мæ нана. – Встречаютя указательные пальцы.

Ацы æнгуылдз у мæ фыд. – Встречаются средние пальцы.

Ацы æнгуылдз у мæ мад. – Встречаются безымянные пальцы.

Ацы æнгуылдз та æз дæн − бинонтæн сæ кæстæр дæн. – Встречаются мизинчики.                       Астемыраты Изет

 

Пальчиковая гимнастика

Къаппа-къуппа (одуванчик).

Къаппа-къуппа 

Арвыл хур,  (пальцы сомкнуть, образуя бутон)

Арвыл хур,

Къаппа-къуппа   (приложить кисти рук друг к другу основаниями)

Дары бур.

Арвыл мæй,    (пальцы выпрямить)

Арвыл мæй

Къаппа-къуппа    (соединить кисти рук и положить под щеку).Бафынæй….                  Астемыраты Изет

 

Физминутка.

Игра «Цъиу».

Цъывви, цъывви, цъиу-цъиу-цъиу! (Дети стоят.)

Бæласыл ныззарыд цъиу. (Указывает в окно на дерево).

Уалдзæг, уалдзæг, тавы хур. (Бегают по комнате).

Цъиу-цъиу-цъиу, цъыбар-цъыбур.                                                 Астемыраты Изет

 

Пальчиковая гимнастика.

Цæй-ма, сабитæ, не’нгуылдзтæй ахъазæм.

«Хæдзар»

Хъахъхъæнут уæ хæдзар  ( Ладони приставить ребром, − «ворота открыты»).

Сæхгæнут уæ дуар.  (Затем соединить ладони, пальцы выпрямлены и напряжены – «ворота закрыты»).      Астемыраты Изет

 

«Мæ дзибатæ».

Хъ. Халоны цъиутæ фыццаг хатт ратахтысты сæ ахстонæй. Федтой нанайы кæрты хор æмæ дон. Æрбадтысты. Дзуры сæм халон.

Халон:. Мæ дзибатæ Мæ къонатæ!     Батавут уæхи хурмæ!

Л. Тавæм нæхи хурмæ!    Тавæм нæхи хурмæ!      Тянут руки вверх.

Х. Мæ къонатæ!   Сбадут!   Рауидзут хор!

Л. Бадæм, бадæм! Уидзæм хор!         Присели, «клюют» зерна.

Х. Мæ хуртæ!     Сыстут!     Батавут уæхи хурмæ!

Х. Мæ хуртæ!     Сбадут!     Бануазут дон!

Л. Бадæм, бадæм!      Нуазæм дон!  Приседают, «пьют» воду

Л. Бадæм, бадæм!      Нуазæм дон!  Приседают, «пьют» воду

Х. Сыстут, мæ хуртæ!     Атæхут уæларвмæ

Л. Тæхæм, тæхæм!            Машут «крыльями»

 

 

Физкультминутка «Саби».

Дети становятся возле своих столов.

Хъ.. Саби, саби, ды гыццыл дæ?

С. О, мæнæ ахæм! Дети садятся и показывают рукой над полом, какие они маленькие.

Хъ.. Саби, саби, ды стыр дæ?

С. О, мæнæ ахæм! Дети тянут руки вверх!

Хъ. Саби, саби, ды пурти дæ?

Д. О, мæнæ ахæм! Руки на пояс, подпрыгивают на месте.

в. Саби, саби, ды тути дæ?

Д. О, мæнæ ахæм! Машут руками – «летают».

в. Ма атæх, æрбад! Садятся на свои места.


Физминутка.        

Къухтæ Къухтæ! Къухтæ!       Æмдзæгъд кæнынц – 4 къæрццы.

Айрæзут!      Хæрдмæ сæ къухтæ ивазынц.

Къухтæ! Къухтæ!     Æмдзæгъд кæнынц – 4 къæрццы.

Атæхут!          Тилынц сæ базыртау.

Къухтæ! Къухтæ!     Фæсонтыл сæ æвæрынц.

Къухтæ! Къухтæ Æмдзæгъд кæнынц – 4 къæрццы.

Амбæхсут!   Амбæхсынц.

Къухтæ! Къухтæ!  

Мæнæ стут!    Æвдисынц сæ.

 

Физкультурӕ

Иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар,

Рӕвздӕр у, дӕ бынат ар,

Къӕхтӕ иумӕ, къухтӕ ндӕгъд,

Гъа-ма, фӕндыр, рӕвздӕр цӕгъд.


БАЗАРД:

Гӕпп фӕстӕмӕ, гӕпп хӕрдмӕ,

Гӕпп, гӕпп, гӕпп кӕныс мӕнмӕ.

 

Къӕхтӕ радгай размӕ ,ппар,

Иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар.

Къухтӕ риуыл кӕн гуыбыр,

Сӕмраст кӕн гъеныр дӕ гуыр.


БАЗАРД:

Гӕпп фӕстӕмӕ, гӕпп хӕрдмӕ,

Гӕпп, гӕпп, гӕпп кӕныс мӕнмӕ.

 

Айтындз уарийау дӕ цӕнгтӕ,

Сис бӕрзонд гъеныр дӕ зӕнгтӕ,

Къухтӕ риуы размӕ тил,

Кафгӕ д,алыфарс ӕрзил.


БАЗАРД:

Гӕпп фӕстӕмӕ, гӕпп хӕрдмӕ,

Гӕпп, гӕпп, гӕпп кӕныс мӕнмӕ.

 

 

Æнгуылдз-лæппу

Æнгуылдз-лæппу, кæм уыдтæ?

Ацы æфсымæримæ хъæды.

Ацы æфсымæримæ хæринаг кодтон.

Ацы æфсымæримæ хæринаг хордтон.

Ацы æфсымæримæ зарыдтæн æмæ кафыдтæн.

 

 

 

СКАЗКИ  И  РАССКАЗЫ

 

Дзыгъуыр карк (Аргъау)

       Цардысты лæг æмæ ус. Уыдис сæм дзыгъуыр карк.  Æрæфтыдта карк айк: хуымæтæджы айк нæ, сыгъзæрин. Дада йæ саста-саста – нæ асаста. Нана йæ саста-саста – нæ асаста.

Мыст æрбазгъордта, къæдзилæй йæ фесхуыста – айк ахауд æмæ асаст. Дада кæуы. Нана кæуы. Карк та хъуыдатт кæны: – Ма ку, дада! Ма ку, нана! Æз уын æндæр айк æрæфтаудзынæн. Сыгъзæрин нæ, хуымæтæг

 

Булкъ (Настольный театр)

     Дада ныссагъта булкъ. Сырæзыд булкъ стыр – тынг стыр. Дада схæцыд булкъыл. Схæцы, схæцы, фæлæ йын стонын нæ комы. Бадзырдта дада нанамæ. Нана æрхæцыд дадайыл. Дада – булкъыл. Схæцынц, схæцынц, фæлæ йæ стонын нæ фæразынц.  Бадзырдта нана чызгмæ. Чызг æрхæцыд нанайыл, нана – дадайыл, дада – булкъыл. Схæцынц, схæцынц, фæлæ йæ стонын нæ фæразынц. Бадзырдта чызг куыдзмæ. Куыдз æрхæцыд чызгыл, чызг – нанайыл, нана – дадайыл, дада –   булкъыл. Схæцынц, схæцынц, фæлæ йæ стонын нæ фæразынц. Бадзырдта куыдз гæдымæ. Гæды æрхæцыд куыдзыл, куыдз – чызгыл, чызг – нанайыл, нана – дадайыл, дада – булкъыл. Схæцынц, схæцынц, фæлæ йæ стонын нæ фæразынц. Бадзырдта гæды мыстмæ. Мыст æрхæцыд гæдыйыл, гæды – куыдзыл, куыдз – чызгыл, чызг нанайыл, нана – дадайыл, дада – булкъыл. Схæцыдысты иумæ æмæ стыдтой булкъ.

 

Аргъау «Хиппæлой тæрхъус»

Ацы тæрхъус цæры хъæды (амоны хъазæнмæ). Ралæууыд уалдзæг. Бон фæдаргъдæр. Хур тынгдæр тавы. Сырдтæ райхъал сты. Мадæл арс йæ лæппынтимæ лæгæтæй ралæст.

Нæ тæрхъус æрæмбырд кодта йе ’мбæлтты, слæууыд къуыбырыл æмæ йæхицæй æппæлы: «Хъусут-ма, тæппудтæ! Нал тæрсын æз бирæгъæй, бирæгъы мæ хъилхъустæй æз фæсурдзынæн нæ хъæдæй!»

Гæппытæ кæны. Æнæнхъæлæджы бирæгъ нӕ, фӕлӕ  рувас кæцæйдæр рагæпп кодта. Нæ тæрхъус фыртӕссӕй  къуыбырӕй ратылди.  Сырдтӕ хонынц уӕдӕй нырмӕ – «Хиппӕлой тӕрхъус». 

 

Шарик æмæ пурти

Къæбылайæн æнкъард уыд. Уый хуыссыд æмæ куыдта. Пурти йæ фæрсы: – Цæмæн кæуыс, Шарик? Исчи дæ фæнадта?

 – Нæ! Æнкъард мын у иунæгæй. Кæимæ ахъазон, уый мын нæй! – дзуапп ын радта Шарик.

Ахъазæм иумæ! Æз дæн тымбыл æмæ фæлмæн! Зонын тулын!

– Æз та зонын згъорын! – загъта Шарик.

Гыццыл мæ сцæв дæ фындзæй. Ма тæрс, æз дæн фæлмæн резинæйæ конд. Æз атулдзынæн, æмæ мæ ды баййаф. Кæд мæ тынг сцæвай, уæд та тулдзынæн гæппытæгæнгæ! – дзуры йæм пурти. Шарик сцавта пуртийы æмæ йæ асырдта

Хорз фæхъазыдысты иумæ Шарик æмæ пурти.                                                                         Джимиты К.

Гæдыйы лæппын æмæ къæбыла

       Лæппумæ уыдис къæбыла. Чызгмæ та гæдыйы лæппын. Сабитæ кæрты пуртийæ хъазыдысты. Къæбыла æмæ гæдыйы лæппын та хыл кодтой .

- Фы-фф-фф! – футтытæ кодта гæдыйы лæппын.

Гъ-гъгъ-гъгъ! – æвдыста йæм йæ дæндæгтæ  къæбыла.

Чызг сæм бацыдис æмæ загъта: – Ма хыл кæнутМахау хæларæй цæрут .                                         Джимиты Клара

 

Хъаз æмæ йæ цъиутæ

   Мæргътæ æмæ фос изæры кæрты æрбамбырд сты. Уалынмæ дын къæвда рауарыд. – Тагъд лидзæм! – загъта карк æмæ æд цъиутæ алыгъд кæркдонмæ.

Лидзон! Миау! – зæгъгæ, фæкодта гæды æмæ хæдзармæ  алыгъд.

 – Гъау! Гъау! – смæсты уарынмæ Шарик æмæ куыдздоны балæууыд.

– Му-уу! Му! Рауай сарамæ! Ныххуылыдз уыдзынæ уарынмæ! – бадзырдта хъуг  йæ родмæ

- Хъа-хъа-хъа! Царды хос у дон! Цины хос у дон! Скувæм арвмæ, æмæ нæ уарыны донæй бафсада! – дзырдта  хъаз йæ цъиутæн. Хъазтæ доныл цин кодтой.

Джимиты К.

 

 

Гида хæдзар куыд хъахъхъæдта (Аргъау)

    Раджыма-раджыма цардис зæронд нана. Уыдис æм гæдыйы лæппын, йæ ном хуындис Гида. Иубон æм нана дзуры: – Цу, мыстытæ æрцахс, бахордтой нын нæ хор!

 – Куыдз сæ æрцахсæд! – дзуапп ын радта Гида. – Æз мыстытæй тæрсгæ кæнын!

 – Куыдз хæдзар хъахъхъæны! Ды та мыстытæ ахс.

 – Æз хъахъхъæндзынæн хæдзар. Куыдз та мыстытæ ахсæд! – загъта Гида.

 Гæдыйы лæппын ацыд æмæ кæрты схуыссыд.              Куыдз та хæдзармæ бацыдис.  Фæхуыссыд Гида, фæлæ куы æрталынг, уæд дуары цур сбадт æмæ уасы:

– Миау! Миау! Хæры мæ мыст! Нана, тæрсын мыстæй!

 – Гъæу! Гъæу! Гъæу! – срæйдта куыдз æмæ разгъордта кæртмæ. Нана Гидайы хæдзармæ бауагъта æмæ йын загъта: Цы загъта Нана Гидайӕн?

Джимиты К.

 

Дыууæ тæппуды

     Уыдис хъарм уалдзыгон æхсæв. Хъарм, фæлæ тынг талынг. Шарик талынджы иунæгæй тарсти æмæ дзуры:

 – Гъау! Гида! Кæм дæ? Талынджы æз бирæгъæй тæрсын.

– Мяу! – дзуапп радта Гида. – Хъусыс, мыстытæ куыд хъыллист кæнынц? Æз сæ тæрсын! Бирæгъæй ма тæрс!

 Шарик сбадт Гидайы фарсмæ. – Гида, цы фесты мæй æмæ стъалытæ? Иу дæр сæ арвыл нал ис! – Фæтарстысты мыстытæй æмæ алыгъдысты! – Уыдон бирæгъæй фæтарстысты! – загъта Шарик, стæй афарста: – Гида, хур та æхсæв кæм вæййы?

 – Æдылы! Хур уæлæ хохы фæстæ йæхицæн фынæй кæны. Ды мацæмæй тæрс: бад мæ фарсмæ. Æз дæ хъахъхъæндзынæн бирæгъæй.

 – Ды дæр ма тæрс! Мæ фарсмæ бад! Æз дæ хъахъхъæндзынæн мыстытæй!

Уыдис хъарм уалдзыгон æхсæв. Гида æмæ Шарик фæрсæй-фæрстæм бафынæй сты. Джимиты К.

 

 

Мæдинæйы кукла

       Уыдис уазал зымæгон бон. Уарыд мит. Гыццыл Мæдинæ скодта йæ хъарм дарæс, сæвæрдта дзоныгъы йæ кукла æмæ ацыд уынгмæ. Чызг суанг изæрмæ фæхъазыд, стæй изæры сæхимæ бацыд. Кукла  тæнæг дари къабайы басыд, нал гом кодтой йæ цæстытæ, йæ сæрыл мит урс худау сбадт. Мæдинæ йæ уатмæ куы бахаста, уæд кæсы, æмæ йæ куклайы рустыл æруадысты цæстысыгтæ. – Нана! Цæмæн кæуы мæ кукла? – батыхстис чызг. – Чидæр æй дари къабайы ахаста уынгмæ. Ныссалдис уазалы æмæ  кæуы, – загъта йын нана.           

Джимиты Кларæ

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Театральные постановки

 

Нӕ хъæбатыртæ ( кукольный театр)

   Дзурæг. Иу уазал зымæгон бон Гида, уасæг, карк æмæ Мила хъазыдысты кæрты, стæй хордтой мит. Уаллон сæм дзуры.

 Кархан. Хъуахъ! Уый цы кусут? Ма хæрут мит. Фæрынчын уыдзыстут æмæ уын дохтыр уколтæ скæндзæнис!

 Уасæг. Мах нæ фæрынчын уыдзыстæм! Мах хъæбатыртæ стæм!

 Гида. Мах тæппудтæ не стæм! Уколтæй нæ тæрсæм!

мила. Хъæбатыртæ уколтæй нæ тæрсынц.

 Карк. Митæй ничи рынчын кæны!

Дзурæг. Дыккаг бон фæрынчын сты нæ хъæбатыртæ. Уасынц, ниуынц, кæуынц.

 Гида. Æллæх! Риссы мæ гуыбын! Мæлын! Миауу!

 мила. Æллæх-æллæх! Риссы мæ сæр! Гъау-уу!

Уасæг. Хъо-хъо-хъо! Нал дæн уасынхъом! Хъо-хъо-хъо! Нал исын мæ базыртæ!

Карк. Къо-къо-къо! Риссы мæ хъуыр! Нал дæн зарынхъом. Мæлын!

 Дзурæг. Халон фехъуыста сæ кæуын æмæ бадзырдта дохтырмæ.

Кархан. Фыдуæгтæ, æгоммæгæстæ! Фæцæуы уæм дохтыр.

 Дзурæг. Дохтырæй фæтарстысты нæ хъæбатыртæ. Уасæг стахт рудзынгмæ, Карк балæууыд скъаппы сæр, Мила бамбæхст стъолы бын, Гида та ныббырыд диваны фæстæмæ.

Дохтыр. Сывæллæттæ, кæм сты рынчынтæ? Баххуыс мын кæнут. Фыдуæгтæ мит бахордтой æмæ сæ адзæбæх кæнон. Кæмæн риссы йæ гуыбын?

Сывæллæттæ. Гидайæн!

Дохтыр. Кæм ис Гида?

 Сывæллæттæ. Диваны фæстæ.

Дзурæг. Дохтыр рахаста Гидайы, сæвæрдта йæ диваныл, сбарста йын йæ тæвд.

Дохтыр. Тынг рынчын у Гида! Сывæллæттæ, кæмæн риссы йæ сæр?

 Сывæллæттæ. Милайæн! Милайæн риссы йæ сæр.

 Дохтыр. Кæм бамбæхст Мила?

Сывæллæттæ. Стъолы бын! Мила бамбæхст стъолы бын!

Дзурæг. Дохтыр рахаста Милайы, сæвæрдта йыл тæвдбарæн.

 Дохтыр. Тынг рынчын у Мила дæр! Сывæллæттæ, цы фæцис уасæг та?

Сывæллæттæ. Уæлæ рудзынгыл бады!

Дзурæг. Дохтыр рахаста уасæджы, сбарста йын йæ тæвд.

 Дохтыр. Уасæг дæр бахордта мит æмæ фæрынчын. О, фæлæ кæм ис карк?

Сывæллæттæ. Уæлæ скъаппы сæр бамбæхст!

Дзурæг. Карк дæр фæрынчын. Бадынц нæ хъæбатыртæ диваныл æмæ кæуынц.

Дохтыр. Сывæллæттæ, цæмæн кæуынц нæ хъæбатыртæ? Зонут æй?

 Сывæллæттæ. Тæрсынц уколтæй!

 Дохтыр. Сымах дæр хæрут мит? (Ответы детей.)  Ацы хатт сын ратдзынæн таблеткæтæ. Нал хæрдзысты мит.

 

 

Дзӕргъ ӕмӕ бирӕгъ (Ирон адæмон сфæлдыстадæй)

Дзурæг. Раджыма-раджыма цардис æмæ уыдис дзæргъ йæ лæппынтимæ. Иубон дзæргъы хъыбылтæн уызын цæхджын кæсæгтæ бахаста.

Дзæргъ. Мæ хъыбылтæ! Разгъорут-ма! Мæнæ уын уызын цæхджын кæсæгтæ æрбахаста! Дзурæг. Хъыбылтæ сæхи хорз бафсæстой цæхджын кæсæгтæй æмæ сæм дон нуазын æрцыдис.

Дзæргъ. Ам мæм æнхъæлмæ кæсут, мæ къонатæ. Æз уын ныртæккæ дон æрбахæсдзынæн. Дзурæг. Дзæргъ йæ хъыбæлтæн дон хæссынмæ ацыд. Куыддæр йæ ведра доны фæтъыста, æфтæ бирæгъ йæ уæлхъус алæууыд.

Бирæгъ. А-аа, дзæргъ! Æз дæ ныртæккæ бахæрдзынæн!

Дзæргъ. Э-э! Бирæгъ! Æрбакæс-ма мæм! Цы мæ ис хæринаг? Мæ сæр – дур! Мæ фæрстæ та – фæйнæгæй! Тынг базæронд дæн! Уыйбæсты, кæд дæ дæндæгтæн тæригъæд кæныс, уæд мын ис æртæ хъыбылы, раст гуырдзиаг сырх фæткъуыты хуызæттæ, æмæ дын уыдонæй иу ратдзынæн.

Дзурæг. Бирæгъ дзæргъыл баууæндыдис. Бирæгъ. Дæ фæндаг раст, дзæргъ! Уадзын дæ, фæлæ-ма зæгъ, цы хуыйнынц дæ хъыбылтæ?

Дзæргъ. Сæ иуы ном у Æнафон, иннæ – Фидар, æртыккаг та – Хъармæг.

Бирæгъ. Хорз, цæугæ æмæ мæм-иу æнхъæлмæ кæсут. Æз уал ам иугыццыл рæстæг аулæфон.

Дзурæг. Дзæргъ ацыдис, бадардта йæ хъыбылтæн дон æмæ хъарм хæдзары ныххуыссыдысты. Уалынмæ бирæгъ фæзынд.

Бирæгъ. Æнафон! Æддæмæ-ма ракæс! (Хойы дуар.)

Дзæргъ. Æнафоны мах æддæмæ нал фæкæсæм!

Дзурæг. Уæд та бирæгъ бадзырдта.

Бирæгъ. О, Фидар! Дуар бакæн!

Дзæргъ. Мæ хъыбылтæ тар фынæй сты! Дуар та фидар æхгæд у, æмæ йæ нал бакæндзыстæм.

Дзурæг. Бирæгъ мæстæй тъæпп хаудта! Ныххоста та дуар æмæ хъæр кæны.

Бирæгъ. О, Хъармæг! Дуар бакæн! Æз дæ мæхицæн ахæссон!

Дзæргъ. Æз мæ хъыбылты астæу хъармы хуыссын æмæ дуар кæнынмæ нæ хъавын! Бирæгъ. О, ме ’дылы къоппа! Уыцы зæронд дзæргъ мæ асайдта!

Дзурæг. Бирæгъ фырмæстæй нынниудта æмæ тар хъæдмæ фæлыгъд. Ууыл аргъау кæронмæ æрхæццæ. Уыдоны æрцыдмæ дзæбæхæй цæрут.

Инсценировкæ сарæзта Челдыты И.И., 49-æм рæвдауæндоны ахуыргæнæг

 

Рувас, тӕрхъус ӕмӕ уасӕг (Уырыссаг адæмон аргъау).

Дз. Цардысты æмæ уыдысты рувас æмæ тæрхъус. Алкæмæн дæр дзы уыдис хæдзар. Тæрхъусæн хъæдын хæдзар уыдис, рувасæн та – ихын. Фæзынд рувас æмæ дзуры, йæ хæдзармæ амонгæйæ.

Р. Къалиу ам, къалиу уым. Мит æруарыд æмæ мæнæ мæ хæдзар.

Т. (рудзынгæй ракаст). Рувас, уæ, рувас! Р. Цæ кæныс?  Нæ тæрсыс, зымæг куы фæуа, уымæй?

Р. Æмæ цæмæй тæрсон? Т. (рауад рувасмæ). Куыд цæмæй? Æрцæудзæн уалдзæг, æртавдзæн хур æмæ дæ ихын хæдзар атайдзæн. Баззайдзынæ æнæ хæдзарæй.

Р. Ма тæрс, тæрхъус! Нæ баззайдзынæн. Исчи мын батæригъæд кæндзæн. Стæй уалдзæг нырма дард у.

Т. Ма баззай æнæ хæдзарæй.

Дз.  Ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Рацыд мæй, рацыд иннæ, хур тавын райдыдта. Рувасы хæдзар атади. Тæрхъусы хæдзар куыд уыдис, афтæмæй лæууыд. Иубон рувас ныххуылыдз, суазал.

Р. (уынгæй). Тæрхъус, уæ, тæрхъус!

Т. (рудзынгæй ракаст). Дæ райсом хорз, рувас! Цы зæгъыс?

Р. Бæуадз мæ дæ хæдзармæ. Суазал дæн æмæ мæхи атавон.

Т. Дæхи атавай, зæгъыс?

Р. О, мæ царм ахус кæнон. Ахаудтæн æмæ ныххуылыдз дæн. Бауадз мæ! Суазал дæн.

Т. Цæй, цы дын кæнон. Рацу, батав дæхи.

Дз. Бауагъта йæ тæрхъус. Рувас ыл схъæр кодта.

Р. Ацу ардыгæй! Тагъд лидзгæ!

Т. (расæррæтт кодта хæдзарæй). Мæхи хæдзарæй мæ ратардта! Ай куыд у?!

Дз. Цæуы тæрхъус æмæ кæуы. Йæ размæ фæцис куыдз.

К. Тæрхъус, цæуыл кæуыс?

Т. Куыд нæ кæуон? Уыдис мын хъæдын хæдзар. Рувасæн та – ихын хæдзар.  Æртавта хур. Йæ хæдзар атади. Бауагътон æй мæ хæдзармæ, æмæ мæ ратардта!

К. Цом, æз æй ратæрдзынæн.

Дз. Бацыдысты хæдзары цурмæ.

К. Гъау! Гъау! Гъау!

Р. (рудзынгмæ). Куы рагæпп кæнон! Куы расæррæтт кæнон, къабазгай бауыдзынæ!

Дз. Куыдз фæтарст æмæ алыгъд. Тæрхъус цæуы æмæ кæуы. Йæ размæ фæцис арс.

а. Цæуыл кæуыс, тæрхъус?

Т. Куыд нæ кæуон? Уыдис мын хъæдын хæдзар, рувасæн та – ихын. Æртавта хур, æмæ рувасы хæдзар атад. Æз æй мæ хæдзармæ бауагътон, уый мæ ратардта.

а. Цом, æз æй ратæрдзынæн! Ацу, рувас! Æ-æ-æ! Ацу!

Р. Куы рагæпп кæнон! Куы расæррæтт кæнон, къабазгай бауыдзынæ!

Дз. Фæтарст арс æмæ алыгъд. Тæрхъус цæуы æмæ кæуы. Йæ размæ фæцис уасæг.

У. Цæуыл кæуыс, тæрхъус? Т. Куыд нæ кæуон, уасæг? Уыди мын хъæдын хæдзар. Рувасæн та – ихын. Æртавта хур, йæ хæдзар атади, бауагътон æй æмæ мын мæхи ратардта.

У. Цом, æз æй ратæрдзынæн.

Т. Нæ, куыдз æй тардта – нæ йæ ратардта. Арс æй тардта – нæ йæ ратардта. Ды та йæ æппындæр нæ ратæрдзынæ.

У. Хъу-хъри-хъууу! Фæхæссын мæ уæхскыл цæвæг! Фæнды мæ рувасы фæнæмын! Фæнды мæ рувасы ыскæрдын! Рацу, рувас, æддæмæ!

Р. (тарстхуызæй). Мæ дзаумæттæ кæнын.

У. Фæхæссын цæвæг ме уæхскыл. Фæнды мæ рувасы фæнæмын! Фæнды мæ рувасы ыскæрдын! Рацу, рувас æддæмæ!

Р. Мæ кæрц кæнын.

У. Фæстаг хатт дын зæгъын! Ацу, рувас!

Т. Фæтарст рувас æмæ алыгъд.

У. Цæр æмæ хæр. Æз дарддæр цæуын. Хъу-хъри-хъууу!

Аргъау ратæлмац кодта æмæ дзы инсценировкæ сарæзта Токаты Дз.Д., 7-æм рæвдауæндоны педагог

 

Æртæ хæлары  (настольный театр)

Хъомылгӕнӕг: Раджыма-раджы  цардысты хъæды астæу куыдз, гæды æмæ уасæг. Уыдис сын хицæн хæдзар.  Хъæлдзæгæй  цардысты æртæ хæлары. Иубон кæсынц æмæ сæ хæдзары дуар æхгæд.

Куыдз. Гъæу! Чи сæхгæдта хæдзары дуар?

Гæды (хойы дуар).  Бакæн дуар!

Æнæзонгæ хъæлæс –  (хæдзарæй) Ай ныр мæ хæдзар у. Ацæут ардыгæй!

Уасæг. Дæ хæдзар у? Хъи-хъри-хъу!

Æнæзонгæ хъæлæс (диссаджы фæлмæнæй). Уасæг! Рауай-ма!

Уасæг. Чи дæ, чи?

Æнæзонгæ хъæлæс. Дæ карк дæн! Рауай мидæмæ!

Уасæг. Карк? Байгом кæн дуар! Æз мæ хæлæрттимæ дæн!

Æнæзонгæ хъæлæс. Нæ мæ хъæуынц дæ хæлæрттæ! Атæр сæ! Дыууæйæ цæрдзыстæм мæнæ нæ хæдзары!

Уасæг (сусæгæй йæ хæлæрттæн). Чидæр нæ сайынвæнд скодта. Мæ карк, байгом кæн дуар!

Æнæзонгæ хъæлæс (байгом кодта дуар). Рауай! (Уасæг бацыд хæдзармæ æмæ йæ хъæр ссыд.)

Уасæг. Хæры мæ рувас! Рувас у!

Куыдз базгъордта хæдзармæ, æмæ рувас лидзæг фæцис.

Рувас. Уауу! Ма мæ бахæр! Уауу! Ауадз мæ!

Хъ.Рувас хъæдмæ фæлыгъд, æртæ хæлары та сæ хæдзары цæргæйæ баззадысты.

Джимиты Кларæ

Хъ.– Уæ зæрдæмæ фæцыд аргъау? Цы хуыйны аргъау? Чи уыд «æнæзонгæ хъæлæс?» Кæй хæдзары æрцард рувас? Кæй тыххæй у аргъау? (Хæлæртты тыххæй

 

 

Æфсир  (Колосок.  Настольный театр)

    Цардысты æмæ уыдысты уасæг Хъи-хъо æмæ мысты лæппынтæ Цъыллынг æмæ Зыллынг. Уасæг-иу талынгæй фестад, йæ хъæлæсы дзаг ныууасыдаид, æмæ-иу сæ алыварс цæрджытæ райхъал уыдаиккой, стæй-иу йæ куыстытæм бавнæлдта. Мыстытæ та кафыдысты, зарыдысты æмæ хъазыдысты. Иуахæмы Хъи-хъо кæрт марзта æмæ ссардта мæнæуы æфсир (колос пшеницы). Хъ. Цъыллынг! Зыллынг! Кæсут-ма! Æз ссардтон мæнæуы æфсир! Чи йæ банай кæндзæн? (Кто его промолотит?)

Цъ. Æз – нæ!

З. Æз дæр – нæ!

Дз. Уасæг йæхæдæг бавнæлдта æфсир най кæнынмæ. Мыстытæ та ногæй хъазыныл фесты. Банай кодта уасæг æфсир æмæ та фæдзырдта мыстытæм.

Хъ. Цъыллынг! Зыллынг! Кæсут-ма, цас мæнæу нæм ис! Ныр æй куыроймæ (на мельницу) ахæссын хъæуы. Мæнæу æрыссын хъæуы! Чи йæ ахæсдзæн куыроймæ?

 Цъ. Æз – нæ!

З. Æз дæр – нæ!

Хъ. Хорз, хорз! Æз æй мæхæдæг ахæсдзынæн куыроймæ æмæ йæ æрысдзынæн.

Дз. Мыстытæ та хъазынц дарддæр. Уалынмæ уасæг æрбаздæхт куыройæ ссады голлагимæ.

Хъ. Цъыллынг! Зыллынг! Кæсут-ма, цас ссад æрыссадтон!

Цъ. Уæ, дæ цæрæнбон нын бирæ æрбауа, Хъи-хъо!

З. Цæй сæрæн дæ, цæй, Хъи-хъо!

Хъ. Ныр пецы арт скæнын хъæуы æмæ хыссæйæ гуылтæ сфыцæм! Чи скæндзæн хыссæ? Чи скæндзæн пецы арт?

Хъ. – Уасæг Хъи-хъо.

Цъ. – Мыст.

Цъ. Æз – нæ! З. Æз дæр – нæ!

Дз. Уасæг пецы арт скодта æмæ хыссæйæ гуылтæ сфыхта. Стъолыл гуылтæ æрæвæрдта. Мыстытæ уайтагьд стьолы уæлхъус æрбалæууыдысты.

Цъ. Мæ уд æххормагæй схауы! (Проголодался я!)

З. Хъи-хъо! Рæвдздæр нын авæр гуылтæй!

Хъ. Зæгъут-ма, чи ссардта мæнæуы æфсир?

Цъ. и З. Ды, Хъи-хъо!

Хъ. Чи банай кодта æфсир?

Цъ. и З. Ды, Хъи-хъо!

Хъ. Хыссæ чи скодта æмæ гуылтæ чи сфыхта?

Цъ. и З. Ды, Хъи-хъо (тынг сабыр хъæлæсæй).

Хъ. Сымах та цы бакуыстат?  Цъыллынг æмæ Зыллынг сабыргай стъолæй сæхи айстой сæргуыбырæй. Хъи-хъо сæ нæ баурæдта: нæ хъæуы ахæм магусатæн адджын гуылтæ дæттын.

(Ратæлмац æй кодта æмæ инсценировкæ сарæзта  Дзодзыккаты Риммæ Мураты чызг)